Æз – сылгоймаг – цардаразæг фарн дæн
«Фæлмæнзæрдæ Тауыче,
Куыд рæсугъд дæ, Тауыче!
Нарæгастæу Тауыче,
Худгæ былтæ Тауыче!»
Ацы зарӕджы цагъдмæ хъусгæйæ æнæ мидбыл бахудгæ, æвæццæгæн, ничи фæуыдзæн. Зарæг та рагон у. Рагон æмæ уарзон.
📄 Кæддæр, Цæлыччы быдыр кæй хонынц, уым уыдис тулдз хъæд. Иу стыр æрдузы цардысты Мамсыратæ. Царды фæсте ницæмæй аззадысты: авд æфсымæры ахæм æддæгуæлæ хæдзар самадтой, æмæ йæм хæлæггæнджытæ бирæ уыд. Сæ рæгъæуттыл, сæ зæххытыл цæст не 'ххæссыд. Æнцад бадын чи зыдта, ахæмтæй нæ фесты, бирæ цæуæнты ауадысты æмæ-иу кæддæриддæр лæвæрттимæ сыздæхтысты: буц кодтой сæ иунæг хо, гуырвидыц, рæсугъд Тауычейы.
Сагсур лæппутæ сæ тæккæ ус курыны кармæ бахæццæ сты, фæлæ сæ бинонты кой ничима бакодта. Уæд сфæнд кодтой сæ хистæр Цæлыккæн ус æрхæссын. Минæвæрттæ арвыстой Мæхъхъæлмæ æмæ разыйы дзуапп райстой. Чындзæхсæвмæ сæхи рæвдз кæнын райдыдтой. Цалдæр боны ма йæм хъуыд, афтæ сæм сæрвыстой: ног кайыстæ сæ чызджы нал дæттынц. Мамсыратыл чидæр хахуыр бакодта æмæ мæхъхъæл сæ фæнд аивтой. Æфсымæртæн ацы хабар карды цæфау куыннæ уыдаид. Сæ бæхтыл абадтысты æмæ лæбурæг фæцагайдтой. Чындзы байсын сæ къухы бафтыд æмæ йæ сæхимæ æрбалæууын кодтой.
Фæлæ мæхъхъæлæй се 'фхæрд нæ рох кодта. Мамсыратæ балцы куы уыдысты, уыцы бон сæм хæдзармæ бабырстой æмæ Тауычейы рахастой. Сæхимæ куы схæццæ сты, уæд æй, сæ мад цы уаты уыд, уырдæм баппæрстой. Чызгæн ма хабар цы бамбарын хъуыд, сылгоймаджы риумæ йæхи баппæрста æмæ дзы йæхицæн мад загъта. Уæд ус йæ фырттæм фæдзырдта æмæ сын фехъусын кодта, абонæй фæстæмæ Тауыче сæ хо кæй уыдзæн. Гæнæн нал уыд, æмæ дзы лæппутæ сæхицæн хо загътой.
Цалдӕр азы Тауыче йæ ног фысымтæм фæцард, стæй йæ зынаргъ хуынтимæ Мамсыратæм ахуыдтой. Мæхъхъæлимæ кæй бафидыдтой, уый фæдыл йе 'фсымæртæ стыр куывд скодтой.
Курджытæ бирæ уыд Тауычейы, фæлæ ком радта куырттатаг Уыжегаты лæппуйæн. Хæтæгхуаг лæппу уыд æмæ хæлæрттæ бирæ дардта. Иуафон сæм уазæгуаты æрцыд кæсгон æлдар. Йæ зæрдæмæ фæцыд Тауычейы хæрзæгъдаудзинад. Бафæндыд æй, йæ чызг уыдонмæ куы хъомыл кодтаид, уый. Æмæ йæ æцæгдæр хъаны сæрвыста.
Авд азы фæхъомыл кодта Тауыче æлдары чызджы, стæй йæ Кæсæгмæ ахуыдта. Фæстæмæ куы здæхтис, уæд ын стыр лæвæрттæ ракодтой. Æппæты кадджындæр та уыди, кæсгон æхсин æй кæй схуыдой, уый. Фæлæ ууыл нæ ахицæн хъуыддаг. Æлдары бафарстой, ды та йын цы лæвар кæныс, зæгъгæ. Уæд уый ахæм дзуапп радта:
– Тауычейæн чызг нæй æмæ йын мæ чызджы лæвар кæнын.
Уыйадыл, авд азы кæй фæхаста, уыцы чызгимæ æрыздæхт Тауыче.
#таурӕгъ
⚫️
Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс